Спорты Галуан "Манеж"-ы кадджын уавæры кæронмæ æрхæццæ Европæйы турнир боксæй юниорты хсæн
Спорты Галуан "Манеж"-ы кадджын уавæры кæронмæ æрхæццæ Европæйы турнир боксæй юниорты хсæн. Уæрæсейы иугонд командæ дзы бацахста 1-аг бынат. Æдæппæтæй не спортсментæ рамбылдтой 12 сызгъæрин майданы. Сæ иуы хицау у ирыстойнаг боксер Абайты Алан. Уый уæлахиздзау сси 64 килограммы онг категорийы.